Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бæрæггæнæнтæ коронавирусы фæдыл

Пандемийы райдианӕй фæстæмæ ӕдӕппӕт Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой 4685 фӕрынчынуӕвӕджы, ныртæккæ ацы низæн хос кæнынц 676 æмбæстаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы коронавирус сбӕрӕг кодтой 19 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы æртыццӕджы сарӕзтой 119 тесты, уыдонӕй 19 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 47 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма сты республикӕйы 676 цӕрӕджы", - загъта Коцты Марина.

Хуссар Иры пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 31340 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4685. Медикты хъусдардӕй ссистӕуыд 4009 пациенты.