Хуссар Иры дыууӕ районы милицийы кусджытӕ ссардтой гӕны къутӕртӕ

Гӕн хъӕддаг ӕмӕ сӕрмагондӕй сагъдӕй ссардтой Цхинвал ӕмӕ Дзауы районты мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ республикӕйы дыууӕ районы ссардтой 30 бынӕй фылдӕр гӕн, фехъусын кодта Sputnik мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕйы кусӕг Бестауты Вида.

Гӕн хъӕддаг ӕмӕ сӕрмагонд сагъдӕй ссардтой Цхинвал ӕмӕ Дзауы районты.

"Цхинвалы районы Арцеуы хъӕуы Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ссардтой 8 быны хъӕддаг гӕн. Уымӕй дарддӕр ма ацы районы Андисы хъӕуы цӕрӕгмӕ ссардтой сагъд дыууӕ быны гӕн. Районы тӕрхондон скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, сӕ хицау хӕссы административон бӕрндзинад", - загъта уый.
Хуссар Иры дыууӕ пенсиисӕгмӕ ссардтой гӕн – МХМ

Мидхъуыддӕгты министрады Дзауы районы управлени та Ручъы хъӕуы ссардта гӕны бынтӕ.

"Дзауы районы Ручъы хъӕуы дыууӕ бынаты рабӕрӕг кодтой гӕны бынтӕ - ӕхсӕз ӕмӕ 17 быны ӕнӕзакъонӕй зайын кодтой. Ацы цауты фӕдыл нырма тӕрхондоны скъуыддзаг нӕй",- бафтыдта Бестауты Вида.