Хуссар Иры фӕндӕгтыл фӕзындзӕн фото ӕмӕ видеофиксацийы камерӕтӕ

Фарсты фӕдыл Мидхъуыддӕгты министрады ацыд рабадт, уагдоны кусджытӕй дарддӕр дзы хайад райста фирма "Юг-Телеком"-ы разамонӕг, кӕцы у проекты ӕххӕстгӕнӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕрмагонд нывӕзт "Ӕдас горӕт"-ы дыккаг этап ӕххӕстгӕнгӕйӕ республикӕйы сӕвӕрдзысты 86 камерӕйы, фехъусын кодтой Sputnik Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕйы.

Хуссар Иры МХМ радзырдтой, куыд арӕзт цӕудзӕн Цхинвалы проект "Ӕдас горӕт"

Фарсты фӕдыл Мидхъуыддӕгты министрады ацыд рабадт, уагдоны кусджытӕй дарддӕр дзы хайад райста фирма "Юг-Телеком"-ы разамонӕг, кӕцы у проекты ӕххӕстгӕнӕг.

"Аппаратон-программон комплекс "Ӕдас горӕт" нымад у 2022 азмӕ, йӕ фыццаг этап ӕрцыд ӕххӕст. Йӕ фӕлгӕтты самал кодтой ифтогад ӕрмӕгимӕ кусӕн центрӕн. Дыккаг этап у ноджы гуырахстджындӕр, фӕлӕ уый дӕр балхынцъ уыдзӕн декабрьмӕ. Системӕ хъуамӕ скуса ӕввахс рӕстӕджы", - хъусын кӕны пресс-службӕ министры хӕдивӕг Спартак Мардановы ныхӕстӕ.

Уым ма бафтыдтой, аппаратон-программон комплекс "Ӕдас горӕт" ныббиноныг кæныны фарстмæ йæ хъус кӕй дары президент.