Ног фасад æмæ рæстмæ хъæрмад: Цхинвалы скъолатæ цалцæг кæнынц 1-æм сентябрьмæ

Столицæйы 5-æм скъолайы æддаг бакаст раног кæныны фарстыл дзырд цыд рагæй æмæ ацы аз кæдæй-уæдæй ахуырадон уагдоны фасад æрцæудзæн цалцæг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 авг – Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы администраци æрæвнæлдта горæты 5-æм астæуккаг скъолайы фасад цалцæг кæнынмæ. Столицæйы мэрияйы пресс-секретарь Коцты Зæринæ куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтæмæй скъолайы æддаг бакаст раног кæныны фарстыл дзырд рагæй цыд.

Ахуырады министрады радзырдтой, кӕд райдайдзӕн ног ахуырадон аз Хуссар Иры

Скъола № 5 - горæты стырдæр иумæйагахуырадон уагдон. Бæстыхай ис Джиоты Аланы проспектыл. Йæ кæрты ис кувæндон æмæ Мемориалон уæлмæрд, цы ран ныгæн сты Гуырдзыстоны агрессийы амæттæгтæ.

"Бæстыхайы къулты хæйттæ калдысты. Коммуналон кусджытæ йæ капиталонæй сцалцæг кæндзысты æмæ та скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджыты зæрдæ райдзæн рæсугъд бæстыхаййæ", - загъта пресс-секретарь.

Объектыл кусынц 15 адæймаджы. Уыдон ныфс æвæрынц, цыбыр æгъуыдмæ кæй балхынцъ кæндзысты сæ куыстытæ.

Коцты Зæринæ бафтыдта, уымæй дарддæр ма горæты хицауад кæй срæвдз кодта 1-æм скъолайы хъармгæнæн системæ дæр.

"Скъолайы уыд проблемæтæ хъармгæнæн системæимæ, уый аххосæй зымæджы хатæнты уыд уазал", - банысан кодта уый.

Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуырадон процесс райдайдзæн 6 сентябрæй. Ахуыры азы райдайæн ахæссыны фæдыл барамынд бафыстæуыд 2018 азы Беслæны трагедийы фæдыл фыдохы мадзæлтты тыххæй.