Ӕнӕ хъацӕнтӕй: бынӕттон харбыз фӕзынд Хуссар Иры базары

Амалиуӕггӕнӕг Бекъойты Гела ма сахуыр кодта харбызы хицӕндзинӕдтӕ - се хсӕн ӕмбӕлынц "чызджытӕ" ӕмӕ "лӕппутӕ" дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы егъау харбызон хӕдзарады хицау Бекъойты Гела райдыдта бынӕттон базары йӕ тыллӕг уӕй кӕнын. Ӕрвылбон Цхинвалы 2-аг базары размӕ гагадыргъ уӕй цӕуы сихоры онг, радзырдта Sputnik фермер йӕхӕдӕг.

Амалиуӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн харбыз ис йӕ тӕккӕ тоныны рӕстӕджы.

"Дыууӕ хуызы харбыз - "Топган" ӕмӕ "Атаман" зайын кӕнын ӕнӕ химион хъацӕнтӕй, дыууӕтӕ дӕр сты адджын, ӕрмӕст дзы иуӕн йӕ цъар у чысыл тӕнӕгдӕр", - загъта уый.

Амалиуӕггӕнӕг ма сахуыр кодта харбызы хицӕндзинӕдтӕ - се хсӕн ӕмбӕлынц "чызджытӕ" ӕмӕ "лӕппутӕ" дӕр.

"Иутӕ "чызджыты" нымайынц хӕрзаддӕрыл, аннӕтӕ та "лӕппуты". Бӕрӕг сӕ кӕнӕм сӕ сау тӕппы бӕрцӕй дыргъы быныл. Стырдӕр фӕйы сылы мыггагӕн", - бамбарын кодта Бекъойты Гела.

Ӕнӕ хъацӕнтӕй: бынӕттон харбыз фӕзынд Хуссар Иры базары

Фермер ма нымайы, Хуссар Ирыстоны ӕрдзон уавӕртӕм гӕсгӕ ӕркӕнӕн кӕй ис ӕрмӕст чысыл харбызтӕн.

"Дӕс килограммӕй фылдӕр нӕ кӕны ам бынӕттон харбыз, уымӕй егъаудӕртӕ сты ӕрласгӕ", - балхынцъ кодта уый.

Раздӕр зӕхкусӕг ныфс ӕвӕрдта, ацы аз бынӕттон базармӕ кӕй ратдзӕн тонны бӕрц харбыз.