Цхинвалы цӕгатварс сараздзысты социалон цӕрӕнуӕтты 225 фатеры

Социалон цӕрӕнуӕтты арӕзтад цӕуы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгатварс сараздзысты социалон цӕрӕнуӕтты 225 фатеры. Сӕ иу хай арӕзт фӕуыдзӕн рбалӕугӕ аз, радзырдта Sputnik арӕзтадон организаци "СТМ-Юг" - сӕйраг инженер Хъантеты Таймураз.

Цхинвалы цӕгатварс сараздзысты социалон цӕрӕнуӕтты 225 фатеры

Ӕртӕ фондзуӕладзыгон корпусы арӕзт цӕуынц раздӕры фабрикӕйы бынаты.

"Арӕзт цӕуынц ӕртӕ корпусы фӕйнӕ 75 фатеры - иу дзы сырӕзт, дыккаг амад цӕуы, ӕртыккагӕн ӕвӕрд ӕрцыд йӕ бындур. Ног аз дзы иу уыдзӕн цӕттӕ, дыууӕйы арӕзтады фӕуд нысангонд у 2023 азмӕ", - загъта Хъантеты Таймураз.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, микрорайоны хӕрзарӕзты фӕлгӕтты хъавынц саразын сывӕллӕтты фӕзуат.

Социалон цӕрӕнуӕтты арӕзтад цӕуы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты.

Цхинвалы цӕгатварс сараздзысты социалон цӕрӕнуӕтты 225 фатеры