ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы центр ӕмӕ цалдӕр хъӕуы къуырисӕры изӕр ӕруарыд их. Районы хъӕууон хӕдзарады управленийы кусӕг Пухаты Мамукайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрдзон бӕллӕх ницы зиан ӕрхаста.
"Ихуард райдыдта изӕры фараст сахатыл - куы-иу фӕсабыр, куы-иу фӕтынг. Их районы центры уыд къабузӕджы гагайы йас", - загъта Пухаты Мамука.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, районы хуымты тыллӕг у ӕмбырд, дыргъ та фылдӕр бӕрцӕй ныссалд уалдзӕджы.
"Цы муртӕ ма баззад, уыдонӕн их ницы рахъыг кодта", - бафтыдта уый.