Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц хайад райсын "Эльбрусское кольцо" конкурсы

Конкурсы ӕдӕппӕт хайад исынц 90 ӕфсӕддоны 9 командӕйы сконды алыгъуызон бӕстӕтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 авг - Sputnik. Эльбрусы цур Хӕххон цӕттӕкӕнынады центр "Терскол"-ы базӕйыл ацыд АрМИ-2021 ӕхсӕнадӕмон конкурс "Эльбрусское кольцо"-йы бӕрӕгбонон баконд. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Халæппæрст сбæрæг кодта Хуссар Иры командæйы ныхмæлæуджыты "Танкон биатлоны"

Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддонтӕй дарддӕр конкурсы хайад райсдзысты командӕтӕ Уӕрӕсе, Китай, Пакистан, Казахстан, Сомих, Абхаз, Узбекистан ӕмӕ Индийӕ. Конкурсы ӕдӕппӕт хайад исынц 90 ӕфсӕддоны.

"Конкурсы хайадисджытӕ хъуамӕ равдисой хӕстон миниуджытӕ, тых ӕмӕ фӕразондзинад, цӕмӕй фӕуӕлахиз уой", - бадзырдта командӕтӕм УФ Гарзджын тыхты Физикон цӕттӕкӕнынад ӕмӕ спорты фӕдыл дӕлхайады хистӕр, булкъон Андрей Зыков.

Уый размӕ Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим хайад райста ӕфсӕддон-техникон форум "Армия-2021" ӕмӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты -2021 бӕрӕгбонон баконды парк "Патриот"-ы.