Хуссар Иры теннисисттӕ стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Ивгъуыд аз ацы ерысты Хуссар Ирыстоны спортсмен бацыд дӕс хуыздӕр теннисистты нымӕцмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 авг - Sputnik,Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны теннисисттӕ стох кӕндзысты  ӕппӕтуӕрӕсейон турнир "Кубок вызова"-йы Нальчикы, фехъусын кодта Sputnik уӕлыстъол теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан.

Хуссарирыстойнаг богал Бестауты Андрей ссис дунейы фыццагады призер

Хуссар Ирыстоны командӕ ныридӕгӕн фидар цӕуы.

"Мах бацархайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ тыхджындӕр спортсментӕн сӕ бон уа стох кӕнын ацы ерысты",- загъта тренер.

Уый ма бафтыдта, ивгъуыд аз ацы ерысты нӕ спортсмен бацыд дӕс хуыздӕр теннисистты нымӕцмӕ.

"Ивгъуыд азы ӕнтыст ахӕм гуырахстджын турниры у хорз ӕнтыст. Ам фӕархайынц Уӕрӕсейы тыхджындӕр спортсментӕ. Ацы аз дӕр нӕ хӕс у аккаг стох кӕнын", - бафтыдта уый.

Ерыстӕ цӕудзысты 24-28 августы.