Хуссар Иры агуыридуруадзæн заводы продукцийæ пайда кæнынц бынæттон арæзтæдты

Хуссар Ирыстоны 2008 азы хæсты фæстæ æнæрлæугæйæ цæуынц сæндидзынгæнæн куыстытæ, уымæ гæсгæ ахсджиаг уыд арæзтадон æрмæджытæ уадзæн заводтæ срæвдз кæныны хъуыддаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 авг – Sputnik, Дриаты Лейла. Арæзтадон куыстытæ æнæкъуылымпыйæ æмæ гъæдджынæй æххæст кæнынæн иууыл сӕйрагдӕр у арæзтадон æрмæджытæ бынаты цæттæ кæнын. Ахæм ахсджиаг хæс зæрдыл даргæйæ Хуссар Ирыстоны æмбæлон органтæ бацархайдтой Цхинвалы агуыридуруадзæн завод бакæныныл æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта.

Хуссар Иры агуыридуруадзæн заводы продукцийæ пайда кæнынц бынæттон арæзтæдты

Заводы генералон директорæй нысан æрцыд Бестауты Инал æмæ уымæн йæ фыццаградон хæстæй иу уыд "Эмальпровод"-ы раздæры бæстыхайы цалдæр хатæны æмбæлон уагмæ æркæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ритмикон куыст цы куыстуаты бамынæг, уым цадæггай йæ бæстыхай дæр скæлæддзаг. Уымæ гæсгæ йын раивтой йæ æмбæрзт æмбæлон уагмæ йæ æркодтой.

Уый фæстæ бацархайдтой, кусынæн сæ цытæ хъуыд, уыдон самал кæныныл æмæ сæ сæвæрдтой.

"Нæ республикæйы территорийы ис, агуыридур цы хомысæй цæттæ кæнынц, уый. Ласынц Тамарашены хъæуæй. Ацы хомысæн йæ хорздзинад уый мидæг ис, æмæ дзы æлыг ис 30 проценты, иннæ та хъуамæ уа змис. Уый у нормæ кусын æмæ продукци цæттæ кæнынæн. Зæгъын хъæуы, заводæн нырма фаг кæй нæй хъæуæг техникæ æмæ йæ ласынц æххуырсгæ транспорты фæрцы", - банысан кодта Бестауы фырт.

Вазыгджын у агуыридур цæттæ кæныны процесс. Фыццаг уал æй прессы рауадзынц, уый фæстæ та йæ ныллыгтæ кæнынц. Куы басур уа, уæд сæ самайынц пецы æмæ сæ райдайынц фыцын дыууæ суткæйы. Пецы тæвд сындæггай фылдæрæй-фылдæр кæны æмæ схæццæ вæййы йæ иууыл бæрзонддæр нысан - иу мин градусмæ. Банысангонд рæстæджы фæстæ та хъуамæ æруазал уой сæхигъæдæй иу суткæйы дæргъы æмæ сæ уый фæстæ райдайынц кæрæдзийыл амайын. Пецтæ заводы ис æртæ, сæ иу у æппæты стырдæр æмæ дзы продукци рауадзынц 60 мины, иннæ дыууæ сты къаннæгдæртæ æмæ дзы фыцынц фæйнæ 35 мин агуыридуры. Пецтæ кусынц газы фæрцы, уый сын асламдæр кæй лæууы, уымæ гæсгæ.

Хуссар Иры агуыридуруадзæн заводы продукцийæ пайда кæнынц бынæттон арæзтæдты

"Нæ зæрды ис, фæстæдæр кæй самал кæндзыстæм стационарон пецтæ. Заводы продукцийæ пайда кæнынц бынæттон арæзтæдты, уыцы нымæцы дзы спайда кодтой горæты æртыккаг скъола, аив бирæуæладзыгон цæрæн корпусты арæзтады, къух аразынц хицæн æмбæстæгтæн дæр", - зæгъы заводы къухдариуæггæнæгæн.

Нæу зынаргъ сæ продукци дæр - иу агуыридуры аргъ у 10 сомы, фæлæ сæ зæрды ис фæстæдæр æй фæасламдæр кæнын. Æмбæлон хъусдард ис кусджыты куысты уавæртæм дæр æмæ райгонд сты куыстуаты разамындæй.