ЦХИНВАЛ, 30 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри срегистраци кодтой дыууӕ фыдракӕнды, уыдон иууылдӕр раргом кодтой барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ, хъусын кӕны республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Хъусинагӕй ма куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй республикӕйы фӕндӕгтыл та ивгъуыд къуырийы дӕргъы ӕрцыд цыппар фӕндагон-транспортон цауы. Аваритӕй иуы фӕстиуӕгӕн бахъыгдард ис иу адӕймаг, иннӕ хӕттыты хӕдтулгӕтӕ райстой механикон зиӕнттӕ.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ фӕндагон фӕткмӕ хъусдаргӕйӕ срегистраци кодтой 169 фӕткхӕлды. Цыппар шофыры ныхмӕ бакондӕуыд административон протоколтӕ машинӕтӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй та милицийы кусджытӕ бӕрнмӕ ӕркодтой ӕхсӕз адӕймаджы, уыдонӕй иуӕн тӕрхондон аскъуыддзаг кодта административон ӕфхӕрд, бафтыдтой МХМ.