Йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар Иры сгуыхт дохтыр Зӕгъойты Николай

Зынгӕ специалист йӕ куыстӕн радта 60 азы. Уый фервӕзын кодта сӕдӕгай цӕрдтӕ сабыр рӕстӕг ӕмӕ хӕсты азты дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 89-аздзыдӕй йӕ цардӕй ахицӕн зынгӕ медик, сгуыхт дохтыр, республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады раздӕры министр Зӕгъойты Николай.

Зӕгъойты Николай йӕ цардӕй 60 азы радта медицинӕйӕн. Уый уыд номдзыд республикӕ ӕмӕ фӕсарӕнты дӕр. Бирӕ азты дӕргъы куыста хирургӕй Хуссар Ирыстоны, уӕззау рӕстӕджы та уыд ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр, уыд ма парламенты депутат дӕр. Уый фервӕзын кодта сӕдӕгай цӕрдтӕ сабыр рӕстӕг ӕмӕ хӕсты азты дӕр.

"Уый уыд куыстуарзаг адӕймаг. Операцитӕ, кӕцытӕ уый арӕзта 70-80 азты, нӕ арӕзтой уыцы рӕстӕджы Гуырдзыстоны дӕр", - дзуры йӕ коллегӕ, республикӕйы сӕйраг анестезиолог-реаниматолог Плиты Александр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Зӕгъойты Николай фервӕзын кодта бирӕ цӕрдтӕ. Йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ зонындзинӕдтӕ, сӕйраджыдӕр, пайда уыдысты Гуырдзыстоны агрессийы рӕстӕджы.

Йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар Иры сгуыхт дохтыр Зӕгъойты Николай
"Уый уыд зонады адӕймаг, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст хирург нӕ уыд, фӕлӕ ма йын уыд стыр зонындзинӕдтӕ медицинӕйы ӕндӕр фадгуыты дӕр, сӕ нымӕцы анестезиологи. Йӕ чингуытӕ ӕмӕ зонадон куыстыты уый радта йӕ фӕлтӕрддзинад медикты фидӕны фӕлтӕртӕн. Йӕ куыстытӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бацӕудзысты медицинон зонады сыгъзӕрин фондмӕ", - банысан кодта Плиты Александр.

Йӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй Зӕгъойты Николай фӕстаг азты нал куыста, фӕлӕ-иу ӕм арӕх бадзырдтой йӕ коллегӕтӕ уынаффӕйы фӕдыл.

Плиты Александр тӕфӕрфӕс ракодта Зӕгъойты Николайы бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕн.