Хуссар Иры боксертӕ стох кӕндзысты "Юность России"-йы

Гуырахстджын турниры Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты Боксы скъолайы дыууӕ минӕвар - Коцты Артур ӕмӕ Уалыты Сослан, стӕй ма Спорты галуан "Олимп"-ы хъомылгӕнинаг Ян Яралов
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксерты командӕ стох кӕндзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ "Юность России"-йы. Къорды сконды ис 2006-2007 ӕзты гуырд тыхджындӕр боксертӕ, загъта Sputnik Боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.

Ирыстойнаг боксер Хуыгаты Алан ауадздзӕн тох Мӕскуыйы

Гуырахстджын турниры Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты Боксы скъолайы дыууӕ минӕвар - Коцты Артур ӕмӕ Уалыты Сослан, стӕй ма Спорты галуан "Олимп"-ы хъомылгӕнинаг Ян Яралов. 

"Ӕртӕ лӕппуйӕ цӕуынц, уыдон сты ацы кары фӕсивӕды 'хсӕн цӕттӕдӕр спортсментӕ. Боксертӕн ерыстӕ уыдзысты ӕвзарӕн этап Уӕрӕсейы фыццагадмӕ", - загъта Кокойты Ирбег.

Ӕппӕтуӕрӕсеон ерыстӕ "Юность России" цӕудзысты 12 сентябры Ставрополы.