Хуссар Иры пенсиисджытӕн бафиддзысты фӕйнӕ 5 мин сомы Республикӕйы бонмӕ

Фиддонтӕ ма райсдзысты низӕфхӕрд адӕм, ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ фесӕфтой сӕ хӕдзардарӕджы ӕмӕ ӕндӕр категоритӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны пенсиисджытӕ райсдзысты иухаттон фиддонтӕ фӕйнӕ фондз мин сомы бӕрц Республикӕйы бонмӕ, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Ӕмбӕлон фӕдзӕхст хицауады рабадты рӕстӕджы дыццӕджы радта республикӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий.

"Бахӕс кодтон Хицауадӕн бакусын Хуссар Ирыстоны пенсиисджытӕн 5 000 сомы бӕрц фиддонтӕ бафидыны фарстыл. Ацы фӕлтӕр ӕрӕвӕрдта нӕ паддзахаддзинады арӕзтады бындур", - загъта президент.

Фиддонтӕ ма райсдзысты низӕфхӕрд адӕм, ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ фесӕфтой сӕ хӕдзардарӕджы ӕмӕ ӕндӕр категоритӕ.