ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дӕргъвӕтин рынчыны фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕн дзырддзӕугӕ политик, историон зонӕдты кандидат, президенты уынаффӕгӕнӕг Пухаты Къоста.
Уый бацыд йӕ 70 азы кары, фӕстаг ӕрдӕгаз уыд уӕззау рынчын. Политикон архайдӕй дарддӕр ма кодта стыр зонадон куыст. Ирон адӕмы геноциды сӕдӕ азмӕ бацӕттӕ кодта чиныг. Фӕстаг ӕзты ма ӕндӕр историктимæ иумӕ цӕттӕ кодтой Ирыстоны историйы чиныг дӕр.
"Уыд тынг фӕлтӕрд паддзахадон архайӕг, кӕцы куыста бӕрнон бынӕтты бирӕ ӕзты дӕргъы. Уый стыр хайбавӕрд хаста республикӕйы размӕцыдмӕ",- загъта президенты администрацийы кусӕг Уазӕгты Юрий.
Уый ма рахицӕн кодта йӕ зонадон архайд дӕр.
"Бирӕ тыхтӕ радта ирон адӕмы геноциды сахуыр кӕнынӕн ӕмӕ фундаменталон чиныг рауадзынӕн. Куыд адӕймаг ӕмӕ коллега та уыд хуымӕтӕг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ",- бафтыдта уый.
Пухаты Къоста дӕргъвӕтин ӕзты куыста бӕрнон бынӕтты, хицӕн ӕзты уыд Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр, паддзахады сæргълæууæджы уынаффæгæнæг, уыд зонад иртасæн институты кусæг. Ӕрæджы хорзæхджын æрцыд майдан "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн".