Сараздзыстӕм цыбыр ӕмгъуыдмӕ: Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы цалцӕг кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны

Цалцӕггӕнӕн ӕмӕ хӕрзарӕзтадон куыстытӕ ахуырадон уагдоны райдыдтой 20 августы, аразджытӕ кусынц ӕнӕ улӕфт бонтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы 5-ӕм астӕуккаг скъолайы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕххӕст фесты 70  проценты онг, хъусын кæны горӕты администрацийы пресс-службӕ.

"Скъолайы бӕстыхайы цӕсгомон фарс ӕмӕ кӕрт цалцӕг цӕуынц. Бацархайдзыстӕм тынг цыбыр ӕмгъуыдмӕ куыстытӕ балхынцъ кӕнын", - хъусын кӕны пресс-службӕ цӕрӕнуатон-эксплуатацион комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Аланы ныхæстæ.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, рӕстӕгыл ифтонг цӕуынц арӕзтадон ӕрмӕгӕй, кусджытӕ дӕр сты фаг.

Скъолайы цӕсгомон фарсы цалцӕг ӕмӕ кӕрты хӕрзарӕзт райдыдта 20 августы, аразджытӕ кусынц ӕнӕ улӕфт бонтӕй.