Цӕгат Иры аварийы амардысты ӕртӕ адӕймаджы, се 'хсӕн 8-аздзыд сывӕллон

Фӕндагон-транспортон цауы фӕдыл Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад уадзы сгарӕн куыст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Цӕгат Иры сӕйраг горӕт Дзӕуджыхъӕуы иу сывӕллон ӕмӕ дыууӕ хистӕр кары адӕймаджы амардысты фӕндагон-транспортон цауы рӕстӕджы, хъусын кӕны РЦИ МХМ-йы пресс-службӕ.

Авари ӕрцыд къуырисӕры 18 сахат ӕмӕ 55 минутыл. 

"Дзӕуджыхъӕуы Ирыстойнаг ӕмӕ Мичурины уынгты алвӕндагыл сӕмбӕлдысты мотоцикл ӕмӕ хӕдтулгӕ "ВАЗ 2109". Фӕндагон- транспортон цау ахаста мотоциклы шофыр ӕмӕ хӕдтулгӕйы дыууӕ бӕлццон - астаздзыд саби ӕмӕ 34-аздзыд сылгоймаджы цард",- дзырдӕуы хъусинаджы.

Фӕндагон-транспортон цауы фӕдыл Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад уадзы сгарӕн куыст.

Цӕгат Иры аварийы амардысты ӕртӕ адӕймаджы, се 'хсӕн 8-аздзыд сывӕллон