Хуссар Иры МХМ радзырдтой, цал адӕймаджы ӕрурӕдтой наркотикты тыххӕй августы

Ӕхсӕз адӕймаджы ӕрбаздахтой уголовон бӕрндзинадмӕ статьятӕм гӕсгӕ, кӕцытӕ баст сты наркотикты контрабандӕ ӕмӕ ӕвӕрынимӕ, афтӕ ма наркотикон буарадтимӕ зайӕгойтӕ зайын кӕнынимӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2021 азы августы наркотикон буарадтӕм хъусдарды фӕдыл дӕлхайады куысты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, уголовон бӕрндзинадмӕ ӕрбаздахтой ӕхсӕз адӕймаджы, административон бӕрндзинадмӕ 12 адӕймаджы, иу адӕймаджы та административон ахст ӕркодтой наркотиктӕ ӕнӕзакононӕй ӕвӕрыны тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Милици ссардта Цхинвалы цӕрӕгмӕ гӕны 32 къутӕры
Наркотиктӕм хъусдарды дӕлхайады кусджытӕ ссардтой тобӕгонд психотропон буарадтӕ, гӕны 61 къутӕры ӕмӕ хъӕддаг гӕны 429 къутӕры.
Уагдоны банысан кодтой, ӕртӕ адӕймаджы фӕдыл кӕй бакодтой уголовон хъуыддӕгтӕ наркотикон буарадимӕ зайӕгойтӕ зайын кӕныны тыххӕй, ноджы ма ӕртӕ адӕймаджы та ӕрбаздахтой уголовон бӕрндзинадмӕ наркотикон буарадты контрабандӕ, ӕлхӕнын, ӕвӕрын ӕмӕ ласыны тыххӕй.
"Хисӕрмагонд басгӕрсты рӕстӕджы уыдонмӕ ссардтой цалдӕр пакеты синтетикон наркотик амфетаминимӕ (мэтилефедрон), кӕцыйы иумӕйаг массӕ уыд 0,58 граммы", - бафтыдтой пресс-службӕйы.
Авд ӕмбӕстаджы бафхӕрдтой административон фӕткхалды тыххӕй наркотикон фӕрӕзтӕй пайда кӕныныл тобӕйы фӕдыл законмӕ гӕсгӕ.