Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд дохтыр Зӕгъойты Николайӕн

Сызгъӕрин къухты хицау хирург фервӕзын кодта дӕсгай адӕймӕгты, 90-ӕм уӕззау ӕзты разамынд дӕтта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыгӕн , сахуыр кодта Хуссар Ирыстоны сурӕттӕ ӕмӕ сӕ рауагъта хицӕн чиныгӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ӕртыццӕджы фӕстаг хӕрзбон загътой Зӕгъойты Николайӕн (Коля). Дохтыр, медицинон зонӕдты кандидат, экс-депутат, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады раздӕры министр йӕ цардӕй ахицӕн 88 азы кары.
Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд дохтыр Зӕгъойты Николайӕн
Йӕ цардӕмбал Къудухты Донара ӕмӕ дыууӕ сывӕллоны - Эдуард ӕмӕ Зӕринӕйæн мӕсӕлӕй дзурынмӕ цыдысты бирӕтæ, сӕ фылдӕр зындгонд адӕм - сӕ нымӕцы хицауады уӕнгтӕ президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй, медицинӕйы фадыджы кусджытӕ, зонады минӕвӕрттӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ, æрцыд бирӕнымӕц телеграмматӕ фæсарæнтæй.
Зӕгъойты Николай райгуырд Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Малдайы хъӕуы. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты артисттӕ, фӕлӕ Николай чысылӕй равзӕрста дохтыры дӕсныйад ӕмӕ бацыд ахуырмӕ Цӕгат Ирыстоны медицинон институтмӕ.
Зианы цур ныхасы рацыд МХМ-йы министры хӕдивӕг Кокойты Тарзан.
"Йӕ фырт Эдуард радзырдта фӕстаг бон, зӕгъгӕ, уыд уӕлдай хъӕлдзӕг. Акӕн дам мӕ Малдамӕ. Рцыд хорз зӕрдӕйы уагимӕ, стӕй сихӕн кодта, йӕ бинойнаг йӕ ӕрӕмбӕрзта. Афтæ сабырæй афардӕг ис а дунейӕ", - радзырдта Тарзан.
Зӕгъойты Николай æрмæст хорз дохтыр нӕ уыд, фӕлӕ ма скодта йӕхицӕн хорз адæймаджы ном Ирыстоны.
"Йæ бӕрзонддӕр ӕнтыст уыд адӕмы хорзӕх ӕй кӕй уыд. Стӕй-иу афтӕ фӕдзырдта - Ӕз сӕрыстыр дæн мӕ Ирыстонимӕ иумӕ масты къусӕй кӕй бааходӕн кодтон, уымæй. Уый ӕцӕг дӕр иууыл уӕззау рӕстӕг лӕггад кодта медицинон фадыг ӕмӕ ӕппӕт райгуырӕн бӕстӕн", - бафтыдта уый.
Ныхасы рацыдысты йӕ коллегатӕ дӕр. Джиоты Виталий æмæ Остъаты Александр. Виталий зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уымӕн медицинон фадыгӕй дарддӕр уыд ӕндӕр ӕнтыстытӕ дæр.
Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой номдзыд дохтыр Зӕгъойты Николайӕн
"Уыд уый Къӕбысты Падойы ахуырдзау ӕмӕ йӕ дӕсныйады уымӕй бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ схызт. Уый сбӕлвырд кодта Дзауы суары хорз миниуджытӕ, цӕмӕй хицӕн кӕны аннӕ сурӕттӕй ", - загъта йӕ коллега.
"Уый уыд хирургийы цӕджындзтӕй иу. Фӕстаг ӕзты йӕхӕдӕг операцитӕ нал кодта, фӕлӕ иу йӕм дзырдтам нæ операцитæм. 90-ӕм æзты уыд министры бынаты, уæд нæ фаг кодта медикаменттӕ, уый ацыд Дзӕуджыхъӕумӕ ӕмӕ ӕрласта хъӕуӕн ӕрмӕг",- ӕрӕмысыд Остъаты Александр.
Йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар Иры сгуыхт дохтыр Зӕгъойты Николай
Мыггаджы номӕй зианмæ æрцæуæг адæмæн бузныг загъта Зӕгъойты Феликс.
"Зӕгъойты мыггагимӕ иумӕ зиан ӕрцыд Ирыстоныл. Уыд куырыхон, зондамонӕг лӕг. Бузныг абон ацы ӕвзӕр дуг чи скад кодта ӕмӕ рацыд хицауадӕй ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕй", - загъта Зӕгъойты Феликс.
Зӕгъойты Николай йӕ цардӕй 60 азы радта медицинӕйӕн. Уый уыд номдзыд республикӕ ӕмӕ фӕсарӕнты дӕр. Бирӕ азты дӕргъы куыста хирургӕй Хуссар Ирыстоны, уӕззау рӕстӕджы та уыд ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр, уыд ма парламенты депутат дӕр. Уый фервӕзын кодта сӕдӕгай цӕрдтӕ сабыр рӕстӕг ӕмӕ хӕсты азты дӕр.