ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд пенсиисджытӕн иухаттон фиддонтӕ бафидыны фӕдыл Республикӕйы бонмӕ. Документы текст ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы официалон сайтыл.
"Ӕмбӕстӕгтӕн социалон ӕххуыс бакӕныны нысанӕн сфидар кӕнын иухаттон фиддон 5 000 (фондз мин) сомы бӕрц адӕмӕн, кӕцытӕ иудадзыг цӕрынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕмӕ 2021 азы 31 августмӕ сты пенсиисджытӕ ӕмӕ нӕ исынц пенситӕ Уӕрӕсейы Федерацийы законадмӕ гӕсгӕ", - дзырдӕуы барамынды.
Документмӕ гӕсгӕ, фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты Пенсион фонд ӕмӕ республикӕйы паддзахадон бюджетӕй.
Ӕмбӕстӕгтӕ фиддонтӕ райсдзысты фӕтк ӕмӕ уавӕртыл, кӕцытӕм гӕсгӕ райсынц пенситӕ.