Цӕгат Иры УУМ фехъусын кодтой штормон фӕдзӕхст

Республикӕйы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тӕрккъӕвдатӕм ӕмӕ тыхдымгӕтӕм, бафӕдзӕхстой уӕлвӕткон уагдоны
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады фехъусын кодтой штормон фӕдзӕхст ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Хуссар Иры цъыфы зæй алыг кодта фæндагон бастдзинад Сыбайы хъæуимæ
"Республикӕйы территорийыл 2021 азы 1-ӕй 3-ӕм сентябрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тӕрккъӕвдатӕм, ихуардмӕ ӕмӕ тыхдымгӕтӕм 20-25 м/с онг", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Министрады ма банысан кодтой, республикӕйы хӕххон районты гӕнӕн ис кӕй ӕрцӕуой цъыфы зӕйтӕ, цӕугӕдӕтты та фӕфылдӕр уа доны ӕмвӕзад.
Ӕвзӕр боныгъӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсы Хуссар Ирыстонмӕ дӕр. Ӕртыццӕджы изӕры республикӕйы уарыд тӕрккъӕвда, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн хӕххон районты ӕрцыдысты цъыфы зӕйтӕ. Хуссар Ирыстоны УУМ хъусинагмӕ гӕсгӕ, зӕй сӕхгӕдта фӕндаг Дзауы районы Сыбайы хъӕумӕ, цы ран уагъд цӕуы цӕрджыты эвакуаци. Афтӕ ма зӕй ӕрцыд Транскамы фадыгыл дӕр, фӕлӕ фӕндаг уайтагъд ссыгъдӕг кодтой.