Цӕгат Иры мад хъавыд фӕдӕлдон кӕнын йӕ сабийы цардуагон хъаугъайы фӕстӕ

Кировы районы цӕрӕг сылгоймаг баппарста цӕугӕдонмӕ йӕ 9-аздзыд лӕппуйы йӕ хистӕр ӕфсымӕры цӕстыты раз, кӕцы фӕдзырдта ӕххуысмӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны бакодтой уголовон хъуыддаг республикӕйы Кировы районы 39-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы фӕдыл, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы ӕнахъомы амарынмӕ. Республикӕйы фӕдагуырды комитеты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй сылгоймаг фӕнд кодта фӕдӕлдон кӕнын йӕ 9-аздзыд сывӕллоны.
Цӕгат Иры аварийы амардысты ӕртӕ адӕймаджы, се 'хсӕн 8-аздзыд сывӕллон
"Республикӕйы Кировы районы 2021 азы 1 сентябры 10 сахат 30 минутыл  сылгоймаг цардуаджы конфликты фӕстӕ ацыд йӕ ӕртӕ сывӕллонимӕ Терк цӕугӕдонмӕ, цы ран донмӕ баппӕрста йӕ 9-аздзыд лӕппуйы. Йӕ 11-аздзыд лӕппу уый куы федта, уӕд ракуырдта ӕххуыс сӕ цурты рацӕйцӕугӕ нӕлгоймагӕй", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Фӕдагуырды комитеты бафтыдтой, зӕгъгӕ, сывӕллоны фервӕзын кодтой, зӕрдӕхсайгӕйы та ӕрцахстой.
Басгӕрсты рӕстӕджы фӕдагуырджытӕ сахуыр кӕндзысты сывӕллӕтты цӕрыны уавӕртӕ бинонты. Афтӕ ма, саргъ кӕндзысты гоймӕгты архайдӕн, кӕцытӕ хӕссынц бӕрндзинад ӕнахъомты фӕдыл фыдракӕндты профилактикӕйыл.