Цӕгат Иры ноджы 17 адӕймаджы амардысты коронавирусӕй

Бон раздӕр республикӕйы COVID-19-ӕй амардысты авд адӕймаджы, фӕмардуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 533 онг
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны коронавирусӕй амардысты 17 адӕймаджы. Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19-ӕй амардысты 533 адӕймаджы.
Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой 45 ног рынчыны коронавирусӕй
Афтӕ ма иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой 71 адӕймагӕн. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 21 151 онг.
Уӕрӕсейы пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой 6 956 318 фӕрынчынуӕвӕджы, вирусӕй амардысты 184 812 адӕймаджы, 6 218 048 та сӕнӕниз сты.
Джон Хопкинсы Университеты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, дунейы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 219 милуанӕй фылдӕр адӕймаджы, уыдонӕй 4,5 милуан адӕймагӕй фылдӕр амардысты.