Уæрæсе æмæ Хуссар Иры хсæн арæныл цæстдард фæкарздæр хуыты африкæйаг емынæйы тыххæй

Дæллаг Зæрæмæджы пунктты фæкарздæр цæрæгойтӕ, хæлцад æмæ цæрæгойты холлæгты баластмӕ цæстдард
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл цæстдард фæкарздæр РХИ хуыты африкæйаг емынæйы фæзынды тыххæй, хъусын кæны 15 регион.
"Россельхознадзор"-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, амынд низ регистрацигонд æрцыд Хуссар Ирыстоны æртæ бынаты. Дæллаг Зæрæмæджы пунктты фæкарздæр цæрæгойтӕ, хæлцад æмæ цæрæгойты холлæгты баластмӕ цæстдард", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны дыууæ районы сбæлвырд кодтой африкæйаг емынæ – Ленингор æмæ Цхинвалы районты. Низы апарахты тыххæй бæрнон уагдæттæ районты бацæуæнты сæвæрдтой дезгӕрӕнтӕ.
Мадзӕлттӕ ӕххӕст цӕуынц, цӕмӕй рыны апарахаты территорийӕ хӕдтулгӕтӕ ма рахӕссой тӕссаг вирус, кӕцы цӕгъды хуыты мыггаг.