ЦХИНВАЛ, 7 сен - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий загъта бузныг ХИПУ ирон ӕвзаджы кафедрӕйы профессор Битарты Зояйӕн зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы зонадон куыстытӕ ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ чиныг "Фарн Вассо" рауадзыны тыххӕй.
"Стыр куыст бакодтай. Бузныг Дын уый тыххӕй. Абон махмӕ цъус ис ирон ӕвзаджы специалисттӕ. Ӕмӕ ахсджиаг у ӕрбаздахын зонад кӕй цымыдис кӕны, уыцы кӕстӕр фӕлтӕр, кӕцытӕ адарддӕр кӕндзысты ацы куыст, лӕмбынӕгӕй ахуыр кӕндзысты Абайты Васойы куыстытӕ. Республикӕйы къухдариугад уын дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзӕн", - загъта президент.
Битарты Зоя бузныг загъта чиныгӕн йын ӕрмӕджытӕ чи радта, уыдонӕн, афтӕ ма президент Бибылты Анатолийӕн чиныджы 500 экземпляр рауадзынӕн баххуыс кӕныны тыххӕй. Монографи рауадзынӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кодта хӕзаудӕн фонд "Аланийы иудзинад", кӕцыйы бындурӕвӕрӕг у президент.
Чиныджы эксземпляртӕ радтой скъолатӕн, библиотекӕтӕн ӕмӕ музейтӕн, афтӕ ма ахуыргӕнджытӕн, кӕцытӕ куыстой "Малусӕг" ӕмӕ "Ног фӕлтӕр" программӕтыл. Цалдӕр экземпляры арвыстой Цӕгат Ирыстонмӕ – Зонад-иртасӕн институтмӕ, Дзӕуджыхъӕуы зонадон центрмӕ, редакцитӕм, поэттӕм ӕмӕ фысджытӕм. Афтӕ ма монографи ратдзысты Мӕскуы ӕмӕ Санкт-Петербурджы ирон диаспорӕтӕ ӕмӕ институттӕн ӕмӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕты ахуыргондтӕн.