"Иры арвы бын". Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн Кацты Вадим ӕмӕ Кӕсӕбиты Андрейы равдыст

Хуссарирыстойнаг нывгӕнджыты равдыст байгом кӕндзысты ацы майрӕмбоны ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн сентябры кӕрӕттӕм
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цӕгат Ирыстоны Национ музейы равдыстон залы ацӕудзӕн Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Кацты Вадим ӕмӕ хуссарирыстойнаг скульптор Кӕсӕбиты Андрейы куыстыты равдыст.
Ӕндӕр дунеӕмбарынад: Цхинвалы ацыд равдыст Уӕрӕсейы боны цытӕн
"Равдыстмӕ рахӕсдзӕн мӕ зӕронд куыстытӕ, кӕцытӕ уӕй кӕнынӕн нӕ арӕзтон. Сӕрмагондӕй равдыстӕн ног куыстытӕ нӕ сарӕзтон, уымӕн ӕмӕ ӕз уарзын фӕлдисын сӕрибар тыгъдады, ӕнӕ исты фӕлгӕттӕй", - загъта Кӕсӕбиты Андрей.
Экспозицийы фенӕн уыдзӕн скульпторы 20 куыстӕй фылдӕр, кӕцытӕ конд сты хъӕдӕрмӕгӕй.
Уымӕй фылдӕр куыстытӕ ма равдыстмӕ рахӕсдзӕн ирон нывгӕнӕг Кацты Вадим дӕр.
Нывкӕнынад ӕмӕ скульптурӕйы равдыст Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕты байгом уыдзӕн 10 сентябры 16:00 сахатыл ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 30 сентябрьмӕ.