Югосетпотребнадзоры радзырдтой фӕстаг суткӕйы коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй фӕрынчын сты 5129 адӕймаджы, ныридӕгӕн ма медикты хъусдарды бын сты 727 пациенты
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны къуырисӕры COVID-19 сбӕрӕг кодтой 27 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы 6 сентябры сарӕзтӕуыд 230 тесты. Уыдонӕй 27 пробӕйы равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой 20 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын сты 727 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4402 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй республикӕйы сарӕзтӕуыд 33 887 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5129.