Бибылты Анатолий ӕрцыд Донецкмӕ Донбасс ссӕрибар кӕныны бӕрӕгбонмӕ

Хуссар Ирыстоны президент ма хайад райсдзӕн "Единая Россия" партийы фарслӕууджыты форумы
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий ацӕудзӕн балцы Донецкы Адӕмон Республикӕмӕ (ДАР).
"Бибылты Анатолий ДАР сӕргълӕууӕг Денис Пушилины ӕхуындӕй хайад райсдзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд сты Донбасс сӕррибар кӕныны бонӕн. Программӕйы фӕлгӕтты 8 сентябры Донецкы ацӕудзӕн "Защитники России" ветеранты ӕмбырд", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны президент хайад райсдзӕн "Единая Россия" партийы фарслӕууджыты форумы, бафтыдтой пресс-службӕйы.