Хуссар Иры боксертӕ рамбылдтой ӕртӕ сызгъӕрин майданы Калининграды турниры

Ерыстӕ цыдысты дыууӕ боны. Фӕсивӕд спортивон мадзалмӕ ацыдысты Национ банчы разамынды финансон ӕххуысӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг боксертӕ расгуыхтысты ӕхсӕнадӕмон турниры Калининграды, фехъусын кодта Sputnik Боксы скъолайы директор Кокойты Мурӕт.
Хуссар Иры боксертӕ Минводтӕй ӕрхастой 12 майданы ӕмӕ Кубок
Ерыстӕ цыдысты дыууӕ боны. Фӕсивӕд спортивон мадзалмӕ ацыдысты Национ банчы разамынды финансон ӕххуысӕй.
"Нӕ лӕппутӕ сӕхи равдыстой тынг хорз - Багаты Дмитрий (57кг), Кокойты Аслан (60кг) ӕмӕ Яралов Ян (60кг) ссисты турниры уӕлахиздзаутӕ", - загъта уый.
 Боксы скъолайы директор банысан кодта, лӕппуты ӕнтыстыты кӕй ис сӕ тренерты стыр хайбавӕрд дӕр.
"Хорз бакуыстой тренертӕ Коцты Вадим, Гӕбӕраты Гамлет ӕмӕ Плиты Азӕмӕт. Развӕлгъау ауагътам сбортӕ, уый сын ахъаз фӕцис ерысты", - бафтыдта Кокойты Муртӕт.
Уый ма банысан кодта, декабрьмӕ та кӕй райстой ног хонӕн гӕххӕттытӕ.