ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik. Финансон фадыджы кусджытӕ хайад исынц иууыл актуалондӕр фарстытӕ скъуыддзаг кӕныны, кӕцытӕ баст сты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты хӕрзӕбонимӕ. Уый тыххӕй дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы финансисттӕн, кӕцытӕ абон нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.
"Уӕ архӕйдтытыл баст сты мыздтӕ фидын, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты арӕзтад, организациты финансон уавӕр ӕмӕ нӕ Республикӕйы экономикон стабилондзинад", - дзырдӕуы президенты арфӕйы.
Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, иумӕйаг архӕйдтытӕй паддзахады социалон-экономикон хӕслӕвӕрдтӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты.
Республикӕйы сӕргълӕууӕг загъта бузныг финансон фадыджы кусджытӕн профессимӕ иузӕрдыгдзинады тыххӕй ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад, хӕрзӕбон ӕмӕ ӕнтыстытӕ куысты.