Хуссар Иры ӔХМ фехъусын кодта COVID-19-ы ныхмӕ вакцинацийы тыххӕй

Уагдоны банысан кодтой, республикӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы кӕй ӕрласдзысты "Спутник V" ӕмӕ "Спутник Лайт" вакцинӕты фӕйнӕ мин дозӕйы
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг вакцинӕ коронавирусы ныхмӕ сарӕзтой 900 адӕймагӕй фылдӕр, фехъусын кодтой республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) пресс-службӕйы.
Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл
Хуссар Ирыстоны вакцинаци уагъд цӕуы майы райдайӕнӕй. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрластой "Спутник V" вакцинӕйы дыууӕ мин дозӕйы.
"Абоны бонмӕ вакцинаци рацыдысты 948 адӕймаджы, сӕ нымӕцы 82 медицинон кусӕджы. Вакцинӕйы дыккаг компонент райстой 750 адӕймаджы", - загътой министрады.
Уагдоны банысан кодтой, республикӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы кӕй ӕрласдзысты "Спутник V" ӕмӕ "Спутник Лайт" вакцинӕты фӕйнӕ мин дозӕйы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй республикӕйы сарӕзтӕуыд 34 минӕй фылдӕр иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5152. Медикты хъусдарды бын сты 730 рынчыны.