ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Зарæггæнæг Харебаты Марта хайад райста IX æхсæнадæмон фæсивæдон кинофестиваль "SKEY-CINEMA"-йы Мæскуыйы, фехъусын кодта Sputnik музыкант йæхæдæг.
"SKEY-CINEMA" — фæзуат, цы ран алкæцы хайадисæгæн дæр ис фадат саразын презентаци йæ кинопроектæн æмæ ссарын спонсортæ ног куыстыты реализацийæн.
"Организаторты фæхуындмæ гæсгæ æз ралæууыдтæн мадзал бакæнын æмæ сæхгæныны цытджын церемониты. Сæххæст кодтон зарджытæ "Ориентир любви" æмæ "Звенит январская вьюга". Базонгæ дæн бирæ сфæлдыстадон æмæ цымыдисон адæмимæ, райстон тынг бирæ æвæрццаг эмоцитæ ахæм егъау мадзалы хайадистæй", - загъта Марта.
Зарæггæнæг ма æрæджы та спрезентаци кодта йæ ног зарæг "Моему деду". Зарæджы цырд цæуы чысыл чызджы тыххæй - уый зары йæ дадайыл, кæцы не 'рыздæхт фронтæй. Музыкæ æмæ ныхæстæ сты Чехойты Александры.