Бибылты Анатолий хайад райста Уæрæсейы УУМ фæмардуæвæг хистæрæн хæрзбон зæгъыны церемонийы

Евгений Зиничевæн фæстаг хæрзбон дзурынц майрæмбоны Мæскуыйы Кризисон уавæрты фæткдаруаты национ центры бæстыхайы
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бацыд Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады фæмардуæвæг сæргълæууæджы йе 'нусон бынтмæ афæндараст кæныны церемонимæ, хъусын кæны бæстæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.
Евгений Зиничев фæмард Норильскы 8 сентябры йæ кусæгон хæс æххæстгæнгæйæ. Цыдис ыл 55 азы.
Хæрзбон зæгъыны церемонийы ма хайад исынц Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр æмæ республикæйы УУМ хистæр Цоциты Азæмæт.
Фыдохы мадзал уагъд цæуы Мæскуыйы Кризисон уавæрты фæткдаруаты национ центры бæстыхайы. Зиан бавæрдзысты майрæмбоны Санкт-Петербурджы.
Раздæр Хуссар Ирыстоны президент арвыста мæсæллæйтæ Владимир Путины, афтæ ма Евгений Зиничевы хиуæттæ æмæ æввахс адæмы номыл. Тæфæрфæсы телы Бибылты Анатолий банысан кодта, УУМ сæргълæууæджы трагикон мæлæт кæй у стыр зиан æнæхъæн бæстæйæн.