Ирыстойнаг профессионалтӕ хайад райсдзысты боксы изӕры Красноярскы

Ирон боксертӕ ауадздзысты сӕ тохтӕ сабаты. Чилӕхсаты Таир ӕмӕ Дзукъаты Давид никуы фӕхӕрд сты рингыл
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 сен – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирон профессионалон боксертӕ Чилӕхсаты Таир ӕмӕ Дзукъаты Давид ауадздзысты тохтӕ боксы изӕры Красноярскы, фехъусын кодта спортсменты тренер Сланты Виталий.
Спортсментӕ тох кӕндзысты 11 сентябры боксы изӕры, кӕцыйы сӕйраг тох ауадздзӕн дунейы чемпион боксӕй Александр Беспутин. Тохтӕ ацӕудзысты Иван Ярыгины номыл спорты Галуаны.
"Стыр ӕнтыстытӕ нӕ спортсментӕн. Ныфс нӕ ис равдисын хорз тохтӕ", - дзуры Сланты Виталий.
Чилӕхсаты Таир ауагъта ӕхсӕз тохы ӕмӕ сӕ алкӕцыйы дӕр фӕуӕлахиз. Уый архайы 90 килограммӕй фылдӕр уӕзы категорийы. Дзукъаты Давид ауагъта профессионалон риныгл цыппар тохы ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ фӕхӕрд.
Дыууӕ боксеры дӕр тренировкӕ кӕнынц Дзӕуджыхъӕуы боксерон клуб "Ариана"-йы УФ сгуыхт тренер Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын.