Хуссар Иры иу суткæмæ коронавирус сбӕрæг кодтой 27 адæймагæн

Хуссар Иры пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртæстой 5218 адæймагæн. Ныридæгæн хоскæнынад цæуынц 706 пациенты
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы коронавирус сбӕрӕг кодтой 27 адӕймагӕн, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц ахызт фондз минӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Хуссар Иры ӔХМ фехъусын кодта COVID-19-ы ныхмӕ вакцинацийы тыххӕй
"Сарӕзтой 118 тесты тӕссаг вирус рафӕлгъауыны тыххӕй, уыдонӕй 27 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Коцты Марина.
Уый бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй кӕй систой 30 сӕнӕнизуӕвӕджы. Дохтырты хъусдарды бын ма сты республикӕйы 706 цӕрӕджы.
Хуссар Иры пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 34 375 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5218. Медикты хъусдардӕй  ӕдӕппӕт систӕуыд 4512 пациенты.