Хуссар Иры ӔХМ радзырдтой уӕрӕсейаг хирургы куысты хатдзӕгты тыххӕй

Ӕрмыты хирург, травматолог Андрей Жигало дыууӕ боны дӕргъы иста ӕмбӕстӕгты Хуссар Ирыстоны
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейаг хирург, медицинон зонӕдты кандидат, Петербургаг медцентр СОГАЗ-ы ӕрмыты хирургийы центры разамонӕг Андрей Жигало райста пациентты Хуссар Ирыстоны, хъусын кӕны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) пресс-службӕ.
Уӕрӕсейаг дохтыры республикӕмӕ фӕхуыдта Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад, дыууӕ боны дӕргъы Андрей Жигало райста сӕдӕ ӕмбӕстагӕй фылдӕр.
"Дыууӕ бонмӕ Андрей Жигало райста 109 ӕмбӕстаджы. Уыдонӕй 41 адӕймагӕн ӕнӕаргъӕй сопераци кодтой нырыккон методикӕмӕ гӕсгӕ, 68 адӕймагӕн та радтой консультацитӕ", - радзырдтой министрады.
Хуссар Иры ӔХМ радзырдтой уӕрӕсейаг хирургы куысты хатдзӕгты тыххӕй
Афтӕ ма Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, дохтыр травмотолог-ортопед Козаты Дмитрий кӕй рацыд стажировкӕ Санкт-Петербурджы Андрей Жигалойы къухдариуӕгады бын. Ӕмӕ ныр хоскӕнынады ацы методикӕйӕ пайда кӕныны фадат ис Хуссар ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн дӕр.