Хуссар Ирыстоны иу къуыримӕ ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды ӕмӕ ӕртӕ аварийы – МХМ

Барадхъахъхъӕнӕг органы радзырдтой республикӕйы криминогенон уавӕры тыххӕй 6-ӕй 12-ӕм сентбрмӕ периоды
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри регистрацигонд ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды ӕмӕ ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), авариты фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты дыууӕ адӕймаджы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Хуссар Иры МХМ радзырдтой, цал адӕймаджы ӕрурӕдтой наркотикты тыххӕй августы
Афтӕ ма уагдоны банысан кодтой, ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй милицийы кусджытӕ кӕй ӕрбаздахтой бӕрнмӕ иу адӕймаджы.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ иу къуыримӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 221 фӕткхалды, фехъусын кодтой МХМ. Цыппар шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.