Кокойты Василийы сæдæазмæ: Цхинвалы фыццаг хатт ацæудзæн скульпторы куыстыты равдыст

Хуссарирыстойнаг скульпторы сæдæ азы юбилеймæ йæ бинонты хъæппæрисæй ацæудзæн йæ куыстыты экспозици
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацæудзæн хуызфыссæг æмæ скульптор Кокойты Василийы куыстыты равыст. Йæ чызг Кокойты Ирина куыд фехъусын кодта Sputnik, афтæмæй ахæм равдыст ацæудзæн фыццаг хатт.
Ӕнусон юбилейæн нывонд мадзал ацæудзæн 23 сентябры Национ музейы.
"90-æм æзты онг уый æдзух архайдта Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны нывгæнджыты равдыстты. 1991 азы мæ фыд ахицæн йæ цардæй æмæ йæ æрмадзы цы скульптурæтæ уыдысты, уыдон рахастам мæнгагъуыстмæ, цы ран лæууыдысты бирæ æзты дæргъы. Йæ сæдæ азы юбилеймæ мæ хоимæ бафæндыд йæ равдыст саразын. Нæ фарсмæ балæууыд Национ музей", - банысан кодта Кокион.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, экспонатты рестоврацийыл куыста нывгæнæг Багаты Феликс.
"Национ музейы уыд 11 бюсты, ноджы ма 14 та радтам мах. Уыдон сты СФХ хъайтартæ, музыканттæ æмæ нывгæнджытæ. Скульптурæтæй дарддæр ма дзы уыдзæн хуызфыссынады куыстытæ, фæлæ сты цъус", - бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстоны ацæудзæн хуызфыссæг æмæ скульптор Кокойты Василийы куыстыты равыст