Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг хайад райста Горӕты бӕрӕгбоны Мӕскуыйы

Харебаты Марта ралӕууыд цытджын мадзӕлтты Уӕлахизы музейы ӕмӕ мӕскуыйаг парктӕй иуы
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта сӕххӕст кодта дыууӕ зарӕг Уӕрӕсейы сӕйраг горӕты Бындурӕвӕрды бӕрӕгбоны, фехъусын кодта йӕхӕдӕг артисткӕ.
Хуссарирыстойнаг зарæггæнæг Харебаты Марта ралæууыд Мæскуыйы кинофестивалы
"Ӕз ралӕууыдтӕн цытджын мадзалы, кӕцы цыд Уӕлахизы музейы ӕмӕ мӕскуыйаг Савеловаг парчы. Сӕххӕст кодтон мӕ авторон зарӕг Я живу, как хочу" ӕмӕ композици "Моя Россия", - загъта Харебаты Марта.Уый бафтыдта, концерты хайад кӕй истой уӕрӕсейаг эстрадӕйы зындгонд зарӕггӕнджытӕ, се ‘хсӕн Цӕрыкъаты Феликс, Вячеслав Ольховский ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Ӕрӕджы ма ӕвзонг зарӕггӕнӕг хайад IX ӕхсӕнадӕмон фӕсивӕдон кинофестиваль "SKEY-CINEMA"-йы Мӕскуыйы.