Владимир Путин схорзӕхджын кодта Хынцӕгты Альберты Хӕлардзинады орденӕй

Паддзахадон хорзӕхтӕ Токиойы сыгъзӕрин уӕлахиздзаутӕн цытджын ӕгъдауӕй радтой Стыр Кремлаг галуаны къуырисӕры
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин схорзӕхджын кодта Паралимпиаг хъӕзтыты чемпион ядро ӕхсынӕй Хынцӕгты Альберты Хӕлардзинады орденӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Владимир Путин схорзӕхджын кодта Цӕгат Иры экс-сӕргълӕууӕджы Александр Невскийы орденӕй
Паддзахадон хорзӕхтӕ Токиойы сыгъзӕрин уӕлахиздзаутӕн цытджын ӕгъдауӕй радтой Стыр Кремлаг галуаны къуырисӕры.
Уымӕй дарддӕр ма II къӕпхӕны майдантӕй "За заслуги перед Отечеством" скад кодтой бронзӕйон призер лидзынӕй Къобесты Черменӕн.
Уӕрӕсейаг атлетты – Токиойы Паралимпиадӕйы призерты - схорзӕх кӕныны фӕдыл барамынд сабаты бафыста Уӕрӕсейы президент Владимир Путин.