ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц цыппар улӕфт боны Республикӕйы боны цытӕн, кӕцы нысан кӕнынц 20 сентябры. Уый тыххӕй дзырдӕуы зӕрдылдарӕн датӕтӕ ӕмӕ бӕрӕгбонты къӕлиндары.
Улӕфт бонтӕм сабат ӕмӕ хуыцаубонмӕ, 18 ӕмӕ 19 сентябры, бафтдзысты фидӕн къуырийы фыццаг бонтӕ – къуырисӕр ӕмӕ дыццӕг, 20 ӕмӕ 21 сентябры. Уый фӕдыл фидӕн кусӕгон къуыри уыдзӕн ӕртӕбонон.
Хуссар Ирыстон ацы аз нысан кӕны республикӕйы сӕвзӕрды 31-ӕм афӕдзы бон. 1990 азы 20 сентябры хуссарирыстойнаг автономон областы адæмон депутаттæ расидтысты Советон демократон республикӕ Хуссар Ирыстон Советон Цæдисы сконды. Ацы датæ ссис Хуссар Иры сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбонтæй сæ иу. Райсгæ уынаффæ ссис хæдбардзинад æмæ æхсæнадæмон нымадмæ фæндагыл фыццаг къахдзæфтæй иу.