Хуссар Ирыстоны парламент ацыд каникулты

Ацы фарстыл ма парламенты дзырд раздӕр дӕр цыд, фӕлӕ уӕд депутатты иу хай не сразы ис каникулты ацӕуыныл
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ацыдысты каникулты. Ахӕм скъуыддзаг рахастӕуыд сессийы рабадтыл ӕртыццӕджы.
Парламент аиуварс кодта Хуссар Иры хицауадӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыны фарст
Каникултӕ адарддӕр уыдзысты 25 октябры онг.
Паламенты фыццаг вице-спикер Гасситы Петр банысан кодта, каникулты рӕстӕджы дӕр куы бахъӕуа, уӕд депутаттӕ ӕххӕст кӕндзысты сӕ кусӕгон хӕстӕ ӕмӕ ӕмбӕлдзысты сӕ ӕвзарджытимӕ.
Раздӕр, августы парламентарийты бон не ссис аскъуыддзаг кӕнын сӕрдыгон каникулты ацӕуыны фарст. Уӕд каникулты ацӕуыны тыххӕй схъӕлӕс кодтой ӕрмӕстдӕр 17, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг та уыдысты 18 хъӕлӕсы.