Хуссар Ир спайда кӕндзӕн Мӕскуыйы фӕлтӕрддзинадӕй комфортон горӕтон фалдзусы арӕзтады

Бибылты Анатолий Мӕскуымӕ йӕ балцы рӕстӕджы бацыд парк "Говоровский лес"-мӕ. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг базонгӕ парчы проекты историимӕ, афтӕ ма объекты арӕзтады лыстӕг хӕйттимӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Бибылты Анатолий бацыд  парк "Говоровский лес"-мӕ Ног Мӕскуыйы. Республикӕйы раздзог улӕфӕн бынатмӕ фӕуазӕг Мӕскуыйаг районы администрацийы сӕргълӕууӕг Дания Андрецова ӕмӕ Паддзахадон думӕйы депутат Дмитрий Саблинимӕ.
Проектгӕнджытӕ радзырдтой хуссарирыстойнаг президентӕн парчы историйы тыххӕй ӕмӕ равдыстой, куыд гӕнӕн ис саразын горӕты мидӕг улӕфӕн зонӕ, уыимӕ алкӕцы бӕлас дӕр бахъахъхъӕнгӕйӕ.
Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕ ма ацы бонты ног объекттӕ равдисдзысты Сирийы делегаттӕн дӕр.