Хуссар Иры фӕстаг суткӕ коронавирусӕй фӕрынчын сты 57 адӕймаджы

Бон раздӕр республикӕйы рабӕрӕг ис 48 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, ӕдӕппӕт та пандемийы райдианӕй инфекци разынд 5425 адӕймагӕн
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы  COVID-19 сбӕрӕг кодтой 57 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik цыппӕрӕмы республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы ӕртыццӕджы сарӕзтӕуыд 265  тесты. Уыдонӕй 57 пробӕйы радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Ивгъуыд суткӕйы ма медицинон хыгъдӕй систой 30 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын сты 738 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4687 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 35 253 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5425.