Ноджы авд адӕймаджы амардысты коронавирусӕй Цӕгат Иры

Фӕстаг суткӕ ма Цӕгат Ирыстоны срегистраци кодтой 68 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik. Цæгат Ирыстоны ног коронавирусон инфекцийæ амардысты ноджы авд адæймаджы, фехъусын кодта цыппæрæмы республикон Роспотребнадзоры.
Хъусдарды бын 700 рынчынӕй фылдӕр: коронавирусимӕ уавӕр Хуссар Иры
Афтæмæй COVID-19-ӕй амæлæг адæмы иумæйаг нымæц регионы схæццæ 636 онг.
Фӕстаг суткӕ ма республикӕйы срегистраци кодтой 68 ног фӕрынчынуӕвӕджы.
Пандемийы райдианӕй коронавирусон инфекции кӕуыл бахӕцыд, уыдон нымӕц схызт 22 044 онг. Уыдонӕй 20 914 сӕнӕниз сты. Стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 659 пациенты.