Хуссар Иры президент ӕрсидт активон хайад райсын УФ Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстыты

Республикӕйы цӕрджыты 90 процентӕй фылдӕрӕн, хуссарирыстойнагӕр дарддӕр ма ис уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгад дӕр, ӕмӕ сӕ бон у хайад райсын Уӕрӕсейы парламентмӕ ӕвзӕрстыты
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕрсидт Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕм, кӕцытӕ цӕрынц республикӕйы, активон хайад райсын УФ Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстыты.
Ӕвзӕрстытӕ цӕуынц активонӕй: УФ минӕварад Хуссар Иры хъӕлӕсдӕттыны тыххӕй
Хицауадон рабадтыл, кӕцы цыд паддзахады сӕргълӕууӕджы къухдариуӕгады бын, Бибылты Анатолий зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта Уӕрӕсейы ахсджиаг бынаты тыххӕй Хуссар Ирыстоны райрӕзты.
"Уырны мӕ, Уӕрӕсейы алкӕцы ӕмбӕстаджы хӕс дӕр кӕй у ӕрбацӕуын ӕвзарӕн фадыгмӕ ӕмӕ схъӕлӕс кӕнын. Мах зонӕм, нӕ республикӕйы алкӕцы къабазы дӕр Уӕрӕсейӕн кӕй ис ахсджиаг бынат. Мах бузныг стӕм политикон къухдариуӕгад ӕмӕ уӕрӕсейӕгтӕн, кӕцытӕ иууыл уӕззаудӕр период фервӕзын кодтой нӕ адӕмы", - загъта Бибылты Анатолий.
Президент бахӕс кодта министртӕ ӕмӕ уагдӕтты разамонджытӕн сорганизаци кӕнын сӕ коллективты ӕмбарынгӕнӕн куыст ацы ӕвзӕрстыты нысаниуӕджы тыххӕй, афтӕ ма ӕрсидт республикӕйы ӕхсӕнадмӕ активон хайад райсын хъӕлӕсдӕттыны.
Паддзахадон думӕмӕ депутатты ӕвзӕрстыты хъӕлӕс кӕныны фадат ис Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны, 17, 18 ӕмӕ 19 сентябры ӕвзарӕн фадгуыты, кӕцытӕ гом уыдзысты куыд столицӕйы, афтӕ республикӕйы районты дӕр.