Цӕгат Иры цӕрӕг хылы рӕстӕджы лӕдзӕгӕй фӕнадта ацӕргӕ лӕджы

Хъыгдардбаййафӕг 75-аздзыд нӕлгоймаг бахауд медицинон уагдонмӕ сӕрымагъзы тавмӕимӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 сен – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны тӕрхондоны раз ӕрлӕудзӕн нӕлгоймаг, кӕцы фӕнадта 75-аздзыд пенсиисӕджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикон МХМ пресс-службӕ.
Хъыгдардбаййафӕг 75-аздзыд нӕлгоймаг бахауд медицинон уагдонмӕ сӕрымагъзы тавмӕимӕ.
"Милицийы кусджытӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ сбӕрӕг кодтой ӕмӕ ӕрурӕдтой фыдгӕнӕджы. Уый хылы рӕстӕджы цывта пенсиисӕджы сӕр лӕдзӕгӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Фыдгӕнӕг уый фӕстӕ йӕхи бааууон кодта хылы бынатӕй, ацӕргӕ нӕлгоймаджы уадзыгӕй хаудӕй ныууадзгӕйӕ.
Цауы фӕдыл басгӕрст уадзынц Мӕздӕджы районы милицийы хайады кусджытӕ.