Цхуырбаты Тимур: Хуссар Иры паддзахады бындур сæвæрдтой "Адæмон ныхасы" минæвæрттæ

Хуссар Ирыстоны фыццаг æрсидты депутат, фыдыбæстæ хъахъхъæнæг Цхуырбаты Тимур радио Sputnik эфиры радзырдта, паддзахадон тырыса æмæ республикæйæн цы нысаниуæг ис, уый тыххæй
Sputnik
Хуссар Ирыстон ацы бонты нысан кæны дыууæ ахсджиаг бæрæгбоны – Паддзахадон тырыса æмæ Республикæйы бон. Цхуырбаты Тимур куыд радзырдта, уымæ гæсгæ республикæйæн дæр æмæ паддзахадон тырысайæн дæр бындур сæвæрдтой æхсæнадон змæлд "Адæмон ныхас"-ы минæвæрттæ.
"Ирыстоны бахъахъхъæнынæн мах сарæзтам практикон змæлд, фæлæ йын бындур сæвæрдтой "Адæмон ныхасы" уæнгтæ. Фыццаг уыд идейæ, æнæ уый æрмæст хъаруйæ ныцы сараздзынæ, æнæмæнг дзы хъæуы идейæ", - загъта Тимур.
Уый æрхъуыды кодта, паддзахад сæвзæрдты цы адæм архайдтой, уыдон, уæлдайдæр та Цоциты Аланы.
"Гуырдзыстон фыццаг хатт 23 ноябры куы æрбацыд, уæд уыдон тынг цæттæ уыдысты, махмæ та уыд æрмæстдæр хъару, тырыса дæр нын нæ уыд. Ленины портрет сын сæ размæ рахастам сырх тырысаимæ, уымæн нæ, æмæ Ленины табугæнджытæ уыдыстæм, фæлæ гуырдзиæгтæ мæсты кодтой, æмæ уый тыххæй", - бафиппадта Тимур.
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг ма куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса идеологон æмæ эстетикон домæнтæм гæсгæ у æххæст.