Хуссар Иры рабæрæг ис 59 ног рынчыны коронавирусæй

Республикæйы пандемийы райдианӕй ӕдӕппӕт инфекци разынд 5641 адӕймагӕн, ныридӕгӕн медикты хъусдарды бын сты 853 пациенты
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны COVID-19 сбӕрӕг кодтой 59 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik ӕртыццӕджы Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
Хуссар Иры хицауад медиктӕн фиддонтӕн рахицӕн кодта 10 милуан сомӕй фылдӕр
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 220 тесты. Уыдонӕй 59 пробӕйы равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Ивгъуыд суткӕйы ма медицинон хыгъдӕй систой 21 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын сты 853 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Уый ма бамбарын кодта, Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт кӕй сӕнӕниз сты 4788 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 35 846 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5641.