Хуссар Иры фӕсаст хуыты африкӕйаг емынӕйы эпидеми

Цӕрӕгойты тӕссаг низ сӕрды апарахат ис республикӕйы дыууӕ районы - Ленингор ӕмӕ Цхинвалы
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕртӕхаттон дезинфекцийы фӕстӕ фӕсаст африкӕйаг емынӕйы эпидеми, фехъусын кодта Sputnik ветеринарон зонӕдты кандидат Лолаты Владимир.
Хуссар Иры Цхинвалы районы сбӕрӕг кодтой хуыты африкӕйаг емынӕ
Хуссар Ирыстоны дыууӕ раны - Ленингор ӕмӕ Цхинвалы районы сӕрды сбӕлвырд кодтой африкӕйаг емынӕ. Йӕ апарахат ма руадзыны тыххӕй ист ӕрцыдысты мадзӕлттӕ.
"Июны емынӕ куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ ист цӕуынц ӕмбӕлон мадзӕлттӕ. Низ цы хъӕуты фӕзынд, уым ӕртӕ хатты сарӕзтой дезинфекци. Ӕдзух хъусдард ис дезгӕрӕнтӕм", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, эпидеми цы зонӕты уыд, уым ныридӕгӕн фос нал цагъды кӕнынц.